Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

ДАВÆГ. СКЪÆФÆГ

Дæ чыссæ уæлæнгай ма дар — хъавджытæ йæм ис.

Судзин куы адавай, уæд дæ гал цы ’рбауыдзæн, уый зонгæ дæр нал бакæндзынæ.

Абырæджы фæндон ничи фæзоны.

Хуыснæг талынг æхсæвмæ бæллы.

Къæрных мæйдар æхсæвмæ бæллы.

Къæрных хорз бæх дараг у.

Абырæг хъарм къæбæр нæ хæры.

Абырæг бирæгьау у: куы фырæфсæст, куы—’ххормаг.

Абырæг лæг нæмыгæй нæ тæрсы.

Абырæгæй абырæг дæр тæрсы.

Абырæджы цæсгом хид нæ кæны.

Къæрныхæн мард æмæ дзуар нæй.

Давæг-лæгæн ард æмæ сомы сæкæр ахæрæгау ысты.

Къæрвых — къæйных.

Абырджытæ иу не сты: чи мæгуырты фарс у, чи та сын мæстаг у.

Абырæг мæгуырты фарс куы уа, уæд хуыцауы хæрзиуæг у.

Абырæг фыдгæнæгæн — мæлæтхæссæг.

Бирæгъ нымад фосæй дæр давы.

Давæг йæхи хæдзарæй дæр давы.

Къæрных арвы хъуг дæр давы.

Хæндыгхъус æмæ куыройкъахæй цы уæлдай ис?

Зилгæ куыройæ хор давын тæригъæд у.

Куыройкъах фидисмæ фæтагъддæр вæййы.

Бирæгъ æмæ къæрныхæн сæ дзых тугæйдзаг у.

Абырæг фыдвæндæгтыл фæцæуы.

Къæрныхы фæндаг туджы фæд хæссы.

Давæг-лæджы фæндаг дын фæуæд!

Уæ рæгъæуттæ уын фæтардæуы: нал дзы хистаг и, нал — хъыллистаг!

Уæлвæндагæй фос кæн, дæлвæндагæй амонд хæсс!

Къæрных алы бон сусæг нæ кæиы.

Сæнæфсиры къæрных тъæнджы мæй бæрæг кæны.

Æрыскъæфы къæрных ногбонты бæрæг кæны.

Къæрныхæн йæ сæроыхъуын арц фæбады.

Къæрныхы сæрыл — зынг.

Куыдзы куыройы куы баййафай, уый каст кодта.

Нал фæразын абырæгæй хæтын, нал фæразын мæсчъыдонæй нуазын.

Къæрных хуыцауæй æлгъыст у.

Дыууæ абырæджы кæрæдзийæн — удхæссæг.

Давæгæй радавын тæригъæд нæу.

Къæрныхæй къæрных — удыбæстæ.

Хуыснæг-лæгыл мæрддзæст нæ фидауы. <

Къæрных йæ цæххагур нæ фæзилы.

Хуыснæггаг басы ад нæй.

Хуыснæггаджы бас

Фуфуйæ сысы. (Къоста).

Къæрныхæггаг фæллойы бæркад нæй.

Къæрных хъæздыг нæ кæны.

Давæггагæй хæдзар никуыма ничи скодта.

Давæггагæй ничи цæры.

Хæндыгхъусæн давæггаг цыхты къæртт йæ хъуыры сæдзы.

Хæрамы фос лæгæн нæ тайы.

Давдæн — дывæрæй фиддон.

Хуыснæджы фæстаг — ахæстон.

Къæрныхæй мыггаг нæ цæуы.

Давæджы цард цыбыр у.

Бирæгъ фиййауы фосæй цасфæнды фæдавæд, уæддæр æй искуы фиййау маргæ кæндзæн.

Æвзæргæнæг æвзæр мардæй мæлы.

Абырæджы мæлæт — искæй къухæй.

Абырæджы мард — сынтытæн холы.

Хуыснæгхъарæджы удыбæстæ нæй.

Абырæджы ’мбæхсæг дæр йе ’мбал у.

Абырæгимæ ’мдзæхдон чи кæны, уый хуыцауы фæндиаг кæны.

Скъæфæггагæй гуыбын не ’фсæды.

Скъæфæггаг сæфт у.

Скъæфгæ бирæгъ кæны ’мæ дзы нæ цæрдхуыз у, нæ — хæрдхуыз.

Скъæфæггагæй сырд цæры.

Скъæфæггагæй сырд нæ цæры.

Худыскъæфæг йæ худ йæ роны дары.

Скъæфын лæгдзинадыл нымад нæу.

Давын лæгдзинадыл нымад никуы уыд.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.