Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

БÆРЦ

Æгæргæнæг æгæр кæны.

Æгæргæнæг æгæр нæ кæны.

Æгæргæнæг æппын-нæй кæны.

Хæтæг-хæтæг цæл ары, æгæр хæтæг цæф ары.

Чъирийы уæлæ — цъупп.

Уæлæмхасæн хæдзар халы.

Мæлдзыгæй й’ астæумæ гæсгæ туг рауадз.

Мæлдзыгыл ахæм готъози сывæр, æмæ йæ й’астæу куыд баурома.

Сау фыс фырæхсадæй амард.

Фырæфснайдæй — æнæфснайд.

Арс мыдæй куы бафсæст, уæд ын мæстад ыскодта.

Фырадджын фырмастмæ цæуы.

Æгæр цæхджын дойны кæны.

Тохъхъылы фыдыл дæр æгæр цæхх нæ фидауы.

Фырдзæхх — æдзæхх.

Цæххыл цæхх кæнын нæ хъæуы.

Цæххыл цæхх нæ фидауы.

Цæххæй цæхх цæхджындæр нæ кæны.

Цæххыл цæхх нæ чындæуы.

Фырдзырд — фæрак, фырдзыт — æдзыт.

Бæрцæй цы нæ уа, уым кад нæй.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.