Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

АФÆДЗЫ АФОНТÆ. УАЛДЗÆГ

Цыппурсы хурхæтæны хур — сæрдырдæм, зымæг — тъæнджырдæм.

Уалдзæджырдæм хуры хъарммæ мит фæсæлæф вæййы ’мæ зæйтæ хæхбæсты арæх цæуын байдайынц.

Сæлæф зæй калмы йæ хуынкъæй ласы.

Хохы дауджытæ, мах уæ фæдзæхст — зæйтæй нæ бахизут!

Уалдзыгон их сайаг у.

Фыццаг наф куы ’рбалæууы, уæд рувас йæ лæппынты ихын хидыл цæуын нал фæуадзы.

Рувас йæ лæппынæн бафæдзæхста: фæскомахсæн ихыл ма бацу.

Рувас дзырдта йæ лæппынæк: «Уыналы нафæй фæстæмæ ихын хидыл мауал ауай — дæ быны ныссæтдзæн».

Æртхъирæны мæй афтæ загъта: «Мæнмæ сæрдæй галы комытæфы йас куынæ ’рбахæццæ уыдаид, уæд æз лæппулæджы ныссæлын кодтаин, чызгусæн та йæ дзиты къоппатæ ахауыи кодтаин.»

Æмæ ’ртхъирæны мæй фæзæгъы: «Сæрдæй мæм галы комытæфы йас æрбацæуы, æндæра сывæллоны мизгæмизын асæлын кæнин.»

Мартъийы ’фстауы бонтæ.

Мартъи хъæнтæ бæрæггæнæн у.

Мартъийы мæйæн-фыдгæнд хъæуы: нæ уалдзæг уадзы, нæ зымæджы тæры.

Бæлдæрæн боны алы хæдзарæн дæр фондз мæкъуылы хос æмæ иу дæндаг хъæмп æфснайд хъуамæ уой.

Æфсæйнаг дæр ма хъарм зоны.

Майрæмыкарк куы фæзыны, уæд, дам, цигайнаг йæ кæрц аппары.

Митхъулæттæ — уалдзæджы нысан.

Дзывылдары ’ртахт — уалдзæджы нысан.

Дзывылдар — уалдзæджы минæвар.

Цъиутæ уасын куы райдайынц, уалдзæг уæд ралæууы.

Уалдзыгон мæргъты зарæг зымæг рох кæны.

Малусæг фæзынд, зæгъгæ, уæд рагуалдзæг у.

Къутугæнæн зæгъ, æмæ дын — уалдзæг.

Фат æмæ ’рдынæй къутугæнæнты хъазынц.

Уалдзæг æрцыди, уазæг фæзынди.

Уаргæ фылдæр уалдзыгон мæйты фæкæны.

Уалдзæгыл къæвда фидауы.

Къæвдаджын уалдзæг — кæрдæгджыи уæзæг.

Уалдзæг — уадджын, фæззæг — мæкъуылджын.

Къуыбар хæрисæй раздæр ничи ’фтауы.

Уалдзæг дыргъ дидинæг æфтауы.

Куадзæн йæ хъулон бæхыл æрцæуы.

Уалдзæг — гуырæн дуг.

Уалдзæг — уæрыкджын, фæззæг — мæкъуылджын.

Уалдзæг — кусынæн, зымæг — хæрынæн.

Уалдзæг — кусаг, зымæг — хæраг.

Уалдзæг — æвзæрты удхæссæг.

Рæсугъд уалдзæг зæрдæрухс у.

Рæсугъд уалдзæг, хъæздыг фæззæг, мæгуыр зымæг.

Уалдзæг — царды фидиуæг.

СÆРД

Зымæг мигъты ’мбырд кæны, сæрд та сæ дуцгæ кæны.

Сæрдыгои бон афæдз у.

Хур зæххыл атылд.

Сæрдыгон къæвда зæххæн сой у.

Сæрд дзынгайы къах дæр ахъаз у.

Сæрд фæкуоы ’мæ сæ зымæг бахæры.

Сæрд цыбыр у, зымæг — даргъ.

ФÆЗЗÆГ

Фыццаг мæкъуыл куы фенай, уæд фæззæг у.

Атынæг — фæззæджы нысан.

Уалдзæг рæсугъд у, фæззæг — хъæздыг.

Фæззæг къутæр-ы бын дæр афтид нæ вæййы.

Фæззæг дзаджджын у.

Фæззæг æппæтæй æххæст у.

Афæдзы хъару фæззæг у.

Фæззæг — æфснайæг.

Фæззæг зæрдæуынгæгæй бакус, æмæ уалдзæг дæ зæрдæ рухс уа.

Фæззæг дæ фæллæйттæ бафснай, æмæ дæ зымæг æнæмæт уа.

Зымæгмæ мыст дæр фаг фæллой æфснайы.

Уæ; Галæгон, дæ хорзæх нæ уæд, иу дымгæйы уддзæф нын ракæн — нæ кæри уарынмæ фесæфдзæн!

Фæззæджы зарæгмæ куыст дæр фæхъырны.

Фæззæг — æвзæры удхæссæг.

Фæззæг æмæ уалдзæг — æвзæрты удхæссæг.

Фæззæг хорзæн — зæрдæрухс, æвзæрæн—мæлæтхæссæн.

Фæззæджы бæркад афæдз хæссы.

Фæззæгæй зæрдæ буц у.

Фæззæг царды къæбиц у.

ЗЫМÆГ

Майрæмыкуадзæн мын зæгъ, æмæ дын зымæг зæгъон.

Майрæмыкуадзæн æрцыди—зымæг йæ кæрц æрбакодта.

Хъызт зымæг кæндзæн: дудахъхъытæ тæхынц.

Æнæмит зымæгæн уæвæн нæй.

Зымæгон судзины бынæй дæр галы комытæфы йас уазал цæуы.

Уазал хуынчъытæ кæны.

Уазал дуры гуыб-ынмæ дæр хъары.

Цæгатбæсты дурæн дæр уазал у.

Уазалæй дур дæр ыскъуийы.

Хох, дам, афтæ загъта: «Æз уалдзæг мигъты ныууромын, зымæг мын сæ денджыз байсы ’мæ мæ изæры дымгæ ’мæ сæууон ирдгæйы уазал бандавы».

Зымæгон хурхæтæны дон цæйбæрц сабуза, сусæны цъитидоны ивылд дæр уый æрфæн у.

Зымæг куы ’рцæуы, артмæ бадын уæд уарзынц.

Зымæг куы ’рцæуы, арс йæ хуынкъмæ уæд бацæуы. .

Хъæбæр зымæг — кæрцуарзаг.

Сæрд дæ къахы фындзæй цы аппарай, уый зымæг дæ уæлæ скæн.

Зымæг къуыдиппы фыдæй цæры.

Зымæг гуыбынмæ хъусаг у.

Зымæг хæрын кæны.

Зымæджы гуыбын ыстыр у.

Зымæджы дæндаг дур кæрды.

Зымæг дæ лæппуйы ауæй кæн æмæ йæ сæрд балхæ.

Зымæгон æхсæв афæдзы дæргъæн у.

Зымæгон боныл æууæнк нæй.

Зымæгон бон ыскæс æмæ ныккæсæй фылдæр нæу.

Зымæгон фæндагыл рагацау цæуын хъæуы.

Зымæгон фæндагыл къах фæллайаг у.

Денджыз, дам, афтæ загъта: «Зымæг мигъты схæссын, уалдзæг мын сæ хох æмæ хъæд байсынц, мæхи та мын хур басудзы».

Комахсæн мын зæгъ, æмæ дын зымæг зæгъон.

Кæд — комахсæн, уæд — зымæг.

Комахсæн дæр — хæд-зымæг, куадзæн дæр — хæд-зымæг.

Комахсæны мигъ — комуадзæнмæ.

Комахсæн — æмбисхос, куадзæн — æмбисхор.

Зымæгæн йе ’ртхъирæн мартъи у.

Хъæбæрзымæг — къæрцц-уалдзæг.

Тъæнджы мæйы арв нæ нæры.

Ногбон — афæдзы сæр.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.