Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

АДÆМ

Адæмыл хур дæр не ’ххæссы.

Адæмы бон бирæ у.

Фылдæр адæм кæцырдыгæй уой, тых дæр уыцырдыгæй ис.

Адæмы тых нæ сæфы.

Адæм кæцырдæм аздæхой, уыцырдæм атондзысты.

Адæмы фыдæхы бæсты мæ хуыцауы фыдæх уæд.

Адæмы фарн бирæ у.

Адæмы фарн хуыцауы фарнæй тыхджындæр у.

Хорз адæмæй фарн цæуы.

Адæм кæрæдзийæн — хуыцæуттæ.

Адæм лæгæн — зæрдæнцой.

Адæм арвайдæн ысты.

Хъæубæстæ айдæн у.

Адæмы цæст уынаг у.

Адæм уынаг ысты.

Лæг йæхи нæ уыны — адæм æй уынынц.

Адæм нæ уынынц чи зæгъы, уый йæхæдæг куырм у.

Адæм зонаг ысты.

Æппæт зонæг адæм ыстьг.

Адæмæй бамбæхсæн ницы ис.

Адæм кæй нæ базыдтой, арвы бын ахæм сусæгдзинад нæй.

Кæсаг кæмдæр доны бын дои банызта ’м,æ уый дæр адæм базыдтой.

Чи цы у, уый адæм зонынц.

Адæймаг йæхи нæ зоны, адæм æй зонынц.

Дæхи базонын дæ куы фæнда, уæд адæмы бафæрс.

Адæм кæй дзурынц, уый æцæг у.

Адæм цы зæгъой, уымæн æнæрцæугæ нæй.

Дзыллæ цы зæгъой, уый æрцæуы.

Адæм дæ сохъхъыр куы хоной, уæд дæ иу цæст бацъынд кæн.

Адæм кæцырдæм симой, ды дæр уыцырдæм сим.

Адæмы зæрдæмæ чи нæ цæуы, уый ма кæн.

Адæмыл дæ зæрдæ ма сив.

Адæм лæджы кæддæриддæр хъæуынц.

Адæм кæрæдзийы фæрцы цæрынц.

Æнæ адæм цæрæн нæй.

Адæм куынæ уой, уæд иу адæймагæн фæцæрæн нæй.

Адæмимæ цæрын хъæуы.

Фæрнджын уый у, ’мæ адæмимæ цæрын чи зоны.

Ус лæджы фæрсы:

«Æз дæр мардмæ ацæуон?»

«Ацу, кæд дæ адæм уадзынц, уæд.»

Изæры лæг йæ усы фæрсы:

«Мардмæ н’ ацыдтæ?»

«Ацыдаин, фæлæ мын дзауматæ ничи радта.»

Уый йын уæд афтæ зæгъы:

«Уæдæ дæ адæм н’ ауагътой.»

Адæмы куыд уарзай, афтæ дæ уарздзысты.

Адæм кæй уарзой, уый хуыцау дæр уарзы.

Адæмы уарзон — хуыцауы уарзон.

Тæхуды, адæм кæй уарзынц!

Цин адæмимæ фидауы.

Адæм сæ кæрæдзийæн хос ысты.

Лæг йæ хъуыддаг адæмы ныфсæй кæны.

Чи цы зоны, уый — адæмæн.

Адæммæ дын ницы фесæфдзæн.

Адæмы хъуагæй лæджы ницы хъæуы.

Адæм иу зондыл хæст не сты.

Адæмæй хай сæрджын у, хай — æнæсæр.

Адæм лæджы халгæ дæр кæнынц æмæ аразгæ дæр.

Адæмы ныхæстæм хъусын фыдбылыз у.

Адæмæй иутæ амонд хæссынц, иннæтæ — фыдбылыз.

Адæмимæ дæр зын у, æнæ адæм дæр — зын.

Адæм кæрæдзиуыл худгæйæ цæрынц.

Цард хæд-зонд æмæ ныфсхаст адæм аразынц.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.